Шахадæ
Внешний вид
Шахадæ (арабб. شهادة šahādah «æвдисæнад») у, иунæг Хуыцау (Аллах) æмæ Мæхæмæты пехуымпардзинадыл уырнындзинад чи æвдисы, уыцы пысылмон дины символ. У хъæугæ æмæ фаг домæн пысылмон дины райстæн.
Шахадæйы ахадындзинад пысылмон дины æвæрд у Анас ибн Маличы хадисыл. Уыцы хадисмæ гæсгæ, чидæриддæр куы зæгъа, кувыны æккаг Хуыцау Аллахы йеддæмæ кæй нæй æмæ Мæхæмæт йæ пехуымпæр кæй у, уæд уыцы лæджы Хуыцау æнæмæнг зындонæй æдде бакæндзæн.
Шахадæйы текст
Араббаг:
- أشهد أن لا إله إلاَّ الله و أشهد أن محمد رسول الله
Транслитераци:
- ʾašhadu ʾal lā ilāha illa l-lāhu wa ʾašhadu ʾanna muḥammadur rasūlu l-lāh
Тæлмац:
- [Æвдисын,] кувыны аккаг Хуыцау Хуыцауы (Аллахы) йеддæмæ нæй, æмæ [æвдисын] Мæхæмæт — Хуыцауы (Аллахы) минæвар.
Пысылмон дины Аллах (арабб. الله) у Хуыцауы 99 номæй иу.